• Предмет: Литература
  • Автор: indiradzioeva
  • Вопрос задан 2 года назад

Стихотворения на осетинском языке ,на тему войны!

Ответы

Ответ дал: karahata2512199
20
ÆВЗОНГ УЫДЫСТÆМ УÆД
Уыцы дард заман уыдыстæм
Талатау цъæхснаг, æвзонг.
Загътам: хицæнтæ уыдзыстæм
Ныр нæ амæлæты онг.
Ды æрбауадтæ фæстæмæ,
Тъæрмæ сарæзтай дæ ных:
«Уат дæр уазал куы у, стæ-ма,
Пецы бакæнон æртдзых».
Уайтагъд бæрзы цъар ыссыгъди,
Уатыл апырх и йæ тафс,
Уазал айсæфт, къæй ысзынг и —
Æмæ атади дæ маст...
Суанг ныр дæр, куы стæрсæм уарзтæн
Бамыр-бамынæгæй тынг, —
Пецы бандзарæм. О, уастæн,
Макуы ахуысса йæ зынг!
Вас заинтересует